Давит Залкалиани - Европæйы совет æрсидтис Уæрæсемæ скад кæна æхсæнадæмон барады нормæтæн
Оккупацигонд Цхинвалы а.х. таможнæйы комитеты сæрдары ивгъуыд куырийы бавдыст инициативæ, кæцы йæ хъуыдыйы дардта Одзис-Ахалгоры хаххыл, таможнæйы пункты байгом æмæ оккупацигонд территоримæ хаст уаргътыл хъалонæвæрд, Европæйы советы генералон нымæрдары, Тонбьорн Ягланды консолидацигонд хыгъдлæвæрд «конфликт Гуырдзыстоны» касты рæстæджы, тызмæг аргълæвæрд райста.
Фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæгы Давит Залкалианийы ныхæстæм гæсгæ, æнæзаконон бордеризацийы, ауадзæн пунктыты æрæхгæды, мадæлон æвзагыл ахуыр сæмбонд кæнын, этникон гуырдзиæгты мулкъы скуынæг кæныны æмæ цæрыны бар гæххæты тыхбын алæвæрдæй уæлдай, иуæй-иу карз фарст, кæцы Страсбургы, Европæйы советы министрты хæдивджыты рабадтыл æрцыд бавдыст, уыд таможнæты пунктыты байгомы фарст, кæцымæ гæсгæ, ФСМ хæдивæгы дзырдæй, гуырдзиаг фарсы позицийæн бирæ фарсхæцæг ис.
Министры хæдивæг афтæдæр фæныхас кодта уый фæдыл, цæмæй Европæйы совет, æууæнкы æрыздахыны æрдæм уагъд Гуырдзыстоны архæйдтытæн позитивон аргъ дæтты.