Гуырдзыстоны минæвар Грецийы хъусын кæны, цæмæй бæстæйы ахст Гуырдзыстоны æмбæстæгты хъуыддæгтыл фактытæ зыгъуыммæгонд сты
Гуырдзыстоны сæрмагонд æмæ æххæстбарджын минæвар Греци æмæ Сербийы Республикæйы Иосеб Нанобашвили хæлиу кæны сидт æмæ фæстаг периоды барадхъахъхъæнджыты æрдгæй, Гуырдзыстоны æмбæстæгты ахсты фактыты кой кæны.
Минæвар куыд дзуры афтæмæй, фæнысангонд ахстыты фæдыл минæварадмæ ис развæлгъау информаци, куыд фактыты зыгъуымæмæкæныны, афтæдæр, информацийы ахæлиуы рдыгæй, мидхъуыддæгты министрады информацион куысты рæдыдтыты фæдыл.
Фидæн къуыримæ нæм уыдзæн компетентон хатдзæг, кæцыйы бындурыл, бауырнæт уæ, нæ реакци ацы цауы дæр уыдзæн афойнадон» – хъусын кæны минæвар.
Уый банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстоны æмбæстæгтимæ баст криминалон цауты уæвын, Гуырдзыстон æмæ Грецийы æхсæн ахастыты уæвæг сегасæй сæйрагдæр проблемæ у.
«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уæлдай у уууыл дзурын, цæмй ацы проблемæ тынг зианхæссæг у, куыд нæ бæстæты æмæ нæ нацийы имиджæн, афтæдæр минæварады куыстæн. Ахæм фактытæ нысаниуæгджынæй куылымпы кæнынц Грецийы хицауадимæ нæ бæстæйы нысаниуæгджын фарстыл бадзырдтæн, афтæдæр Гуырдзыстоны æмбæстæгты æрдæм грекаг дзыллæйы æхсæн цырын кæнынц иттæг негативон фон» – хъусын кæны Иосеб Нанобашвили.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ минæварад æнæаскуынгæ режимы уадзы бадзырдтæ Грецийы хицауады æмбæлон структурæты бæрзонддæр гæстимæ ахæм фарстыты фæдыл: æнæцудгæйæ хъахъхъæд уой Гуырдзыстоны æмбæстæгты бартæ, æнæкæсгæ уыцы фыдракæнды уæзмæ, кæцыйы сæ азымджын кæнынц; ма ахæлиу уа мæнг, кæнæ æнæбæлвырд информаци фыдракæнды зылынмæ лæвæрд не æмбæстагы фæдыл.