Гиорги Къвирикашвили- алы минут нын æхъарынц æххуыс нæ хæлæрттæ, мах иумæйаг тыхтæй сæндидзын кæндзыстæм хъæд
Зианы бæрц тынг стыр у, фæлæ стихиимæ иумæйаг тыхтæй куыд схæцыдыстæм афтæ иумæйаг тыхтæй хъуамæ сæндидзын кæнæм хъæд – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Къвирикашвии райхъусын кодта.
Йæ ныхсæтæм гæсгæ, цалдæр боны дæргъы фæкуыстой хъæды агентады кусджытæ, зынгхуыссынгæнджытæ, мидхъуыддæгты министрад сæрмагонд хæслæвæрдты департаменты кусджытæ, бынæттонтæ, кæцытæ солидарондзинад равдыстой. «Нæ сывхаг бæстæтæ нын баххуыс кодтой, Азербайджан, Сомихыстон, турк æмæ белоруси. Хъуамæ зæгъон цæмæй не мгæрттæй алы минут исæм æххуысы фæдыл æнхъарæнтæ. Мах ацы стихийæн иумæ бахъом уыдзыстæм. Фæлæ нын нырма бирæ куыст ис, уæдмæ цалынмæ арт кæронмæ нæ ахуыссын кæндзыстæм, уæдмæ штаб йæ куыст адарддæр кæнздзæн. Иумæйаг тыхтæй æнæмæнгæй бахъом уыдзыстæм стихиæн, æмæ дыккаг бонæй райдадзыстæм кусын цæмæй ацы хъæд-паркъ сæндидзын кæнæм. Гæнæн ис саразæм фонд, кæцыйы фæрцы, нæ хæлæртты æхуысæй фæстæмæ срæсугъд кæндзыстæм ацы æрдз, афтæ куыд стихийы размæ уыдис. Егъау фæзуат басыгъд, фæлæ æнæхъæнæй сæндидзын кæндзыстæм паркъ» – расидтис Гиорги Къвирикашвили.