Босниа æмæ Герцоговина Гуырдзыстонимæ визон режим аивдта.
Уый фæдыл информацийы Фыццаг Каналæн сбæлвырд кодтой бæстæйы консулады Стамбулы.
Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн, Босниа æмæ Герцоговинæйы территоримæ бахизын сæ бон у, кæцыфæнды æхсæзмæййон периоды, 90 боны æмгъуыдæй.
Ныры онг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ визæтæ истой Босниа æмæ Герцоговинæйы консулады Турчы. Бæстæмæ бахизын афтæдæр гæнæн уыдис Шенгены бирæхаттон визæйы фæрцы.