Жан-Клод Юнкер – Цас фылдæр реформæтæ  цæуынц бæстæйы,   уыййас фылдæр у æххуыс махы рдгæй
Жан-Клод Юнкер – Цас фылдæр реформæтæ цæуынц бæстæйы, уыййас фылдæр у æххуыс махы рдгæй

«Гуырдзыстоны  цæттæдзинад  Евроцæдисимæ интеграци фæарфдæр кæныны тыххæй – у  егъау къахдзæф размæ. Цас фылдæр реформæтæ уадзы  Гуырдзыстон,  уый йас фылдæр у махы рдгæй  æххуыс» – райхъусын кодта   Еврокамисы  президент  Жан-Кълод Юнкер  Брюсселы,  архайадон планы  æмæ   2018 азы  финансон æххуысы  фæдыл бадзырды  баххæст кæныны  фæстæ.

ДОкументтæбафыстой   Гуырдызстоны  фæсарæн хъуыддæгты министр  Давит Залкалиани  æмæ   Евроцæдисы камиссар  ауæрæхы æмæ  сыхагон политикæйы фарстаты Йоханес Хан.

Жан Кълод Юнкер   куыд банысан кодта афтæмæй,   абоны фембæлдæй бæлвырд у уый, цæмæй  цас ахсджиаг  у  Гуырдзыстонимæ партнерад.

«Райнгонд дæн Гуырдзыстоны  хицауады æмæ мæ хорз  хæлары кæй райстон, Еврокамисы  ацы   сæрмагонд   мадзалыл, уымæн æмæ ай  у стыр бон  æппæт Гуырдзыстонæн  æмæ  Евроцæдисæн.  АБоны рабадт  сбæлвырд кодта уый цæмæй  ацы партнерад  у  иттæг  ахсджиаг махæн. Уый у   дæргъвæтин партнерад  куыд культурон, афтæ географион  æрдгæй.

Цæугæ  азы 26  майы фыццаг хатт уыдтæн Гуырдзыстоны,  уый мæнæн уыд стыр цыт,  гуырдзиаг адæмы  æхсардзинад фенын  æмæ  нацийы  амбицитæ.  Уыцы бон æз загътон, цæмй  нæ амонд æмæ фидæн  сты  кæрæдзиимæ  баст. Цас фылдæр реформæтæ  цæуынц бæстæйы,   уыййас фылдæр у æххуыс махы рдгæй дæр» -райхъусын кодта  Еврокамисы президент.

ЙÆ ныхæстæм гæсгæ,  Гуырдзыстонæн финансон æххуысы  бæрц 2014 азæй  у  519 милуан евро.

«2014 азæй  мах Гуырдзыстонæн баххуыст кодтам  519  милуан евройæ, æмæ ныфс дарæм, цæмæй æввахс  фидæны  ма бафтаудзыстæм  уæлæмхас  æххуыс  микрофинансдзинадæй  55 милуан  евройы бæрцæй»- райхъусын кодта  Жан-Кълод Юнкер.