Владимир Зеленский депутаттæн иммунитет аивыны фæдыл закъоныл æрфыста къух
Украинайы президент Владимир Зеленский депутаттæн иммунитет аивыны фæдыл закъонылд æрфыста къух.
Закъон йæ хъуыдыйы дары Украинайы конституцийы 80-æм статийы ивд, кæцы закъондæтджытæн нæфæцагайгæдзинад дæтты æмæ парламенты разыдзинад цухæй, сæ ныхмæ тугтæрхоны барады хъуыддаг тобæ кæны.
Ивдмæ гæсгæйæ, Украинайы парламенты уæнгтæн, иммунитет 2020 азы фыццаг январæй фæмацы уыдзæн.
Украинайы Сæйраг Рада æмбæлон закъонопроекты 3 сентябры сфидар кодта. Иунæг партий кæцы халæппæрсты хайад нæ райста, у проуырыссаг «Оппозицион платформæ цардæн».