Васил Магълаперидзе - ИНО-йы нымадмæ ист арæнты историон ракурсæй æркæсын æмæ ацы темæйыл дискуссимæ бахизын Уæрæсейы официалон уæнгтимæ стыр рæдыд уыдзæн  æмæ уый бар никæмæ ис
Васил Магълаперидзе - ИНО-йы нымадмæ ист арæнты историон ракурсæй æркæсын æмæ ацы темæйыл дискуссимæ бахизын Уæрæсейы официалон уæнгтимæ стыр рæдыд уыдзæн æмæ уый бар никæмæ ис

ИНО-йы  нымадмæ ист  арæнты  историон ракурсæй   æркæсын  æмæ  ацы темæйыл   дискуссимæ бацæуын   Уæрæсейы  официалон  уæнгтимæ  стыр рæдыд уыдзæн  æмæ уый бар никæмæн ис, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы  генералон  директор  Васил Магълаперидзе  фыссы «Фейсбукы» фарсыл.

Васил Магълаперидзе   куыд  хъусын кæны афтæмæй,   растдæр  ИНОзйы  æрдгæй нымад арæнтæм æрбабырста  Уæрæсе æмæ оккупаци скодта  территориты  дыууын процент.

«Гуырдзыстоны  арæнтæ  нымадмæ ист æмæ  бæлвырд сты  ИНО—йæ  æмæ æхсæнадæмон ахастыты  æрмæст ацы фактæй   хъуамæ  къухдариуæг кæнæм.  Растдæр  ИНО-йы  нымад арæнтæм  æрбабырста Уæрæсе  æмæ  оккупаци скодта   территориты  дыууын  проценты.  ИНО куы банымадта  Гуырдзыстоны  арæнтæ,  растдæр уый тыххæй, уыдонмæ хъавд  йæ ныхмæ у æхсæнадæмон барадмæ.  Абон ахæм  Дунеон сæрфадимæ разы  у  дуне.  Иуæй-иу бæстæ, сæ нымæцы  Уæрæсе   не ххæст кæны  ацы  æгъдауæвæрд, фæлæ йæ формалонæй   кæддæриддæр  банымайы.  Уый тыххæй,  территорион  æнæхъæндзинады  фарстаты  официалон  æмвæзадыл касты  рæстæджы æмæ уæлдай дæр  Уæрæсеимæ, Гуырдзыстоны райдиан тæппæй  хъуамæ уа  æрмæстдæр ИНО-йы  æрдгæй  нымад арæнтæ!  Æндæр бæрæггæнæджы  æрбаласыныл  бацамынд дæр нæрайсгæ у.  ИНО-йы  æрдгæй   нымад  арæнты  историон ракурсæй  æркæсын  æмæ   ацы темæйыл дискуссимæ  бахизын  Уæрæсейы  официалон   уæнгтимæ  тынг стыр рæдыд уыдзæн æмæ уый  бар та никæмæ ис.  Цалдæр миназы  дæргъы,   кæцы  æнусы  кæуылты уыдысты  Гуырдзыстоны арæнтæ, уый фæдыл историктæ  хъуамæ  уынаффæ кæной  зонадон конференцийыл  æмæ уым хайад райсын йæ бон у кæй  фæнды  уымæн, уый нымæцы Уæрæсейæ,  кæд йæм уыдзæн æмбæлон  зонадон ценз, фæлæ Гуырдзыстоны абоны  арæнтæ  историкъты  уынаффæйы  темæ  нæй гæнæн уа æмæ æн уыдзæн. ИНО 1991 азы  банымадта  Гуырдзыстон, уæвæг арæнты фæлгæтты æмæ уымæй  фарста æхгæд æрцыд. Дуне абон  ацы  æгъдауæй  цæры.

P.S. Афтæмæй,  ницы  нысаниуæг ис,  куыд зоны президент Путин  18 æнусы  Гуырдзыстоны историй, фæлæ кæд искæцы  журналистæн бантыстдзæн  æмæ  президент Путины  бафæрсдзæн, цас растыл нымайы  уый Уæрæсейы  арæнтæ æркæсын  18-æм æнусы уавæрæй,  уæд тынг цымидисон уыдзæн   дзуапп», –  фыссы Васил Магълаперидзе.