Васил Магълаперидзе -  Шалва Папупашвилиимæ æмæ Иракълэ Къобахидзеимæ  фембæлдыл æрдзырдтам, цæмæй ахæм оптимлалон моделмæ æрцæудзыстæм, нæ нæ фæцагайдзæнÆхсæнадон Уацхææссæджы хæдбарад
Васил Магълаперидзе - Шалва Папупашвилиимæ æмæ Иракълэ Къобахидзеимæ фембæлдыл æрдзырдтам, цæмæй ахæм оптимлалон моделмæ æрцæудзыстæм, нæ нæ фæцагайдзæнÆхсæнадон Уацхææссæджы хæдбарад

Æхсæнадон Уацхæссæджы æвджиддар советы сæрдар  Васил Магълаперидзейы  фидиуæнæй,  зæгъгæ  парламенты сæрдар Шалва Папуашвилиимæ  æмæ парти «Картули Оцнебайы»  сæрдар  Къобахидзе Иракълэимæ  абоны  фемблдыл  æрдзырдтой, цæмæй  Уацхæссæджы финансдзинады  ахæм модел бакусдзысты, кæцы  телеуынынады хъæуындзинæдтæ дæр сæххæст кæндзæн,  æмæ  нæдæр йæ  хæдабарадæн уыдзæн тæссаг.

Закъондæттæн ивддзинады фæдыл, Шалва Папуашвили  æмæ Иракълэ Къобахидзеимæ фембæлдысты Æхсæнадон Уацхæссæджы генералон директор æмæ  æвджиддар советы сæрдар.

Васил Магълаперидзейы дзырдæй,  зæгъгæ Уацхæссæджы  финансдзинады  моделы тыххæй   куыст адарддæр уыдзæн.

«Иттæг нысаниуæгджын фембæлд  уыд. Генералон директор æмæ æз  фембæлдыстæм  парламенты сæрдаримæ æмæ  партийы сæрдаримæ. Деталонæй æркастыстæм  Уацхæссæджы финансдзинады фарста. Æххæст цæттæдзинад уыд  æмæ æцæгдæр райгонд стæм –  æнæуæлдайныхасæй  æрдзырдтам, цæмæй Уацхæссæджы хæдбарадмæ ницы бартъхъирæн кæндзæн, ахæм модел бакусдзыстæм, кæцы телеуынынады хъæуындзинæдтæ  сæххæст кæндзæн æмæ нæдæр йæ хæдбарад агайдзæн.  Уæвæг моделæн гæнæн ис  фидæны бæрæг сахъат фæзына. Уый тыххæй  æрдзырдтам, цæмæй  кусын адарддæр уыдзæн  æмæ æрцæудзыстæм оптималон  моделмæ.  Ахиздзыстæм кусæн уавæрмæ,  ноджы фембæлдзыстæм, баиу уыдзысты финансисттæ. Ис цæттæдзинад  цæмæй адарддæр уа  кусын» –  райхъусын кодта  Васил Магълаперидзе.