Вахтанг Гомелаури  Хуберт Книршимæ фембæлд
Вахтанг Гомелаури Хуберт Книршимæ фембæлд

Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министр  Вахтанг Гомелаури  Гуырдзыстоны  Германийы  Федеративон  Республикæйы  минæвар Хуберт Книршимæ фембæлд.

Вахтанг Гомелаури  бузныг загъта   немыцаг фарсæн, Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады  фæтынгы хъуыддаджы  хайбавæрды тыххæй.

Уагдоны  информацийæ,   фембæлдыл   фæрстæ  æркастысты,  оккупацион  хаххы цур  фæстаг периоды айтынггонд фæзындтæ  æмæ бынæттон цæрджыты  æдасдзинады æрдгæй  уæвæг  уавæр.

Афтæма   фембæлды хайадисджытæ  сæрмагондæй  банысан кодтой   Гуырдзыстоны æмæ Германийы   барадхъахъхъæнæг оргæнты  æхсæн  уæвæг  къуындæг æмæ фæстиуæгджын ахастытæ.

Мидхъуыддæгты  министр æмæ  Германийы   минæвар  фидæны  æмкуысткæнынадмæ  плæнттæ æркастысты  æмæ  бахахх  кодтой   дыууæ бæстæйы æхсæн  пъæлицæйон  æмкуысткæнынад райтынг кæныны   пъæлицæй атташеты роль.

Вахтанг Гомелаури  Хуберт Книршæн  Евроцæдисимæ æнæвизæ дыууæрдæм змæлды  режимы химæруадзынын  æрдгæй  уагдоны  цæугæ   æмæ   плангонд  проепкттæ  базонгæ  кодта.