Урс Хæдзар Уæрæсе æмæ Башар Асады тыхтæй Дамаскъмæ хæстæг лæууæг скæсæн Гъутайыл бырсæнцыд фæуромын куры
Урс Хæдзар  Уæрæсе æмæ  Башар  Асады тыхтæй Дамаскъмæ хæстæг лæууæг скæсæн Гъутайыл бырсæнцыд фæуромын куры

Урс Хæдзар  Уæрæсе æмæ  Башар  Асады тыхтæй Дамаскъмæ хæстæг лæууæг скæсæн Гъутайыл бырсæнцыд фæуромын куры.  Уый фæдыл дзрдæуы Урс Хæдзары  публикацигонд хъусинаджы.

«ИНО-йы  æдасдзинады совет резолюци расты бирæхаттон фæкуылымпыйы  тыххæй, Уæрæсе  адарддæр кодта   резолюци аууæлтты   ницæмæ дарын æмæ  æнаххос  сабырадон   цæрджыты  марындзинад  контр-террористон  операциты æфсонæй» –  дзырдæуы   Урс Хæдзары  фидиуæны.

Дональд Трампы   администраци скæсæн  Гъутайы уавæры абарста   2016 азы Алеппойыл бомбæтæ калынимæ.

Вашингтоны бæрæггæнæнтæй, 24-28 февралы  периоды  Хмеймы  авиабазæйæ  уырыссаг хæдтæхджытæ  æрвылбойнонæй 20 хæстон атахт  æххæст кодтой  скæсæн Гъутайыл бомбæтыæ æркалынæн.

«Асады режим æмæ йæ  æмцæдисонтæ Мæскуы   æмæ   Тегераны   хъуамы сæххæст кæной   ИНО-йы  æдасдзинады советы   резолюци æмæ  бауромой  Гъута æмæ   йæ  алфæмбылæтты  хæцæн архæйдтытæ» –  банысангонд у Урс Хæдзары   фидиуæны.