Украинайы  фæсарæн хъуыддæгты министрад  Михеил Саакашвилийы  фæдзæхсы, йæхи баурома хæлар паддзахад Гуырдзыстоны нæкоммæкасты  акцитæм сидтытæ аразынæй
Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министрад Михеил Саакашвилийы фæдзæхсы, йæхи баурома хæлар паддзахад Гуырдзыстоны нæкоммæкасты акцитæм сидтытæ аразынæй

Украинайы  фæсарæн хъуыддæгты министрад  фæдзæхсы  падздахадон гæсты, сæхиуыл фæхæцой  Гуырдзыстоны  æнæкоммæгæсы  акцитæм сидтытæ аразынæй, –  уый фæдыл Украинайы  фæсарæн хъуыддæгты  министрады минæвары комментарийы  мидæг дзырдæуы, кæцы  Украинайы  æддаг-политикон  уагдоны  æрдæм Гуырдзыстоны раздæры президенты  Украинайы  реформæтæ æххæстгæнæг  комитеты  сæрдар Михеил Саакашвилийы  зылынгæнæг фидиуæны фæдыл  сарызтой.

Укринайы æддагполитикон уагдоны хаххгондæй  банысан кодтой,  цæмæй  ахæм  типы  фидиуæнтæ, гæнæн ис,  стратегион  партнеры  мидхъуыддæгтæм  хифæтъыссыныл  нымад æрцæуа,  кæцыйы категорионæй  йæ ныхмæ у Украина.

«Украинайы  фæсарæн хъуыддæгты министрад, ноджы иу хатт фæдзæхсы Украинайы æмбæстæгты, кæцытæ сты  паддзахадон архайджытæ,  сæхи бауромой  сыхаг паддзахад Гуырдзыстоны  æнæкоммæгæсы  акцитæм сидтытæ аразынæй.  Ахæм фидиуæнтæн аргъ скæнæн ис куыд  нæ  стратегион партнеры мидхъуыддæгтæм хифæтъыссын.  Украианйы  паддзахад никуы  архайдта æмæ нæдæр фидæны архайдзæн йæхи фæтъыссын  ахæм хъуыддаджы æмæ æхсæнадæмон аренæйыл  ахæм миты категорион  йæ ныхмæ у.

Гуырдзыстоны Украинайы минæвары, Игорь Долговы ныхмæ разагъд  аххосджын гæнæг  фидиуæнæн ницы  бæлвырдгæнæн  ис,  зылынгæнæг   уæнгы  эмоцитæй  дарддæр.  Украинаг дипломати  иппæрд нæ кæндзæн сæ тыххæй  æмæ адарддæр кæндзæн уырыссаг гибридон  агрессийæн эффективон йæ ныхмæ   лæууын,  Украинайæн фарс рахæцынæн Дунейы  мобилизацидзинад, украинаг  экспортертæн  ног базартæ  байгом кæнын  æмæ фæсарæнты  уæвæг æмбæстонты бартæ æнтыстджынæй  хъахъхъæнын», –   дзырдæуы  комментарийы.