Уалдзæгон сессийыл парламент генералон прокурроры æмæ Сæйраг Тæрхондоны сæрдары сфидар кæндзæн, афтæдæр цалдæр афæдзон хыгъдлæвæрд  æркæсдзæн
Уалдзæгон сессийыл парламент генералон прокурроры æмæ Сæйраг Тæрхондоны сæрдары сфидар кæндзæн, афтæдæр цалдæр афæдзон хыгъдлæвæрд æркæсдзæн

Гуырдзыстоны  парламент  закъондæттæн куыст, официалонæй цæугæ азы 4 февралæй сног кæндзæн.

Парламенты   регламентмæ  æмбæлгæйæ,   уалдзæгон сесси   февралы фыццаг   дыццæджы,  4 февралы,  байгом  уыдзæн.

Уалдзæгон сессийы  фæлгæтты,  депутатты  бахъæудзæн цалдæр кадрон скуыддзаг райсын, кæцыты  æхсæн ис  генералон прокурроры æмæ  Сæйраг тæрхондоны  сæрдары  сывзарын.

Уалдзæгон  сессийыл закъондæтджытæ,  цалдæр   афæдзон  хыгъдлæвæрдыл дæр фæуынаффæ  кæндзысты.   Уый  нымæцы  президенты, премьер-министры,  адæмон  барты хъахъхъæнæгы,  аудиты  куысты,  Национ Банкъы  æмæ генералон  прокуратурæйы   хыгъдлæвæрдтæ.

Парламенты   регламентмæ  гæсгæйæ,   уалдзæгон  сесси  июны  æппынфæстаг майрæмбон  æрцæудзæн æхгæд.

Закъондæттæг орган,  фæззыгон   сессийы  фæлгæтты,  куыст официалонæй  фæцис  ивгъуыд азы  20   декабры.