Уæрæсейы скъолаты ахуыры процесс æртæ къуырийæ баурæдтой
Уæрæсейы скъолаты ахуыры процесс æртæ къуырийæ баурæдтой

Уæрæсейы  скъолаты  ахуыры  процесс  æртæ  къуырийæ   урæд  цæуы.  Уый тыххæй райхъусын кодта Уæрæсейы  ахуырады министр Сергей Кравцов.

Скъолаты каникултæ 23 мартæй 12  апрелмæ  аххæссдзысты.  Уæрæсейы  ахуырады министры  дзырдæй,  организацигонд æрцæудзæн дистанцион ахуыр.

Официалон бæрæггæнæнтæй, Уæрæсейы  коронавирусы  114  цау  сбæлвырд кодтой.  Низ рабæрæг ис  бæстæйы  26  регионы.