Трамп, Йерусалемы Израилы сæйраг сахарæй иуфарсонæй банымад ахицæн кодта
Трамп, Йерусалемы  Израилы сæйраг сахарæй  иуфарсонæй банымад  ахицæн кодта

АИШ-ы президент Дональд Трамп, Йерусалемы  Израилы сæйраг сахарæй   иуфарсонæй банымады  скуыдлдзаг райста –  уый фæдыл  райхъусын кодтой  Урс Хæдзары  администрацийы.

Фæлæ сæ информацийæ,   президент, АИШ-ы  минæварады,  Тель-Авивæй Йерусалеммæ ахæссын   нæ хъавы.

Ацы хабар æрцыд,  Дональд Трампы    абонмæ плангонд ралæуды размæ, кæцыйыл уый йæ  скуыддзагы фæдыл хъуамæ райхъусын кæна.

Уæдмæ та Трамп,   арабаг лидертæн  Йерусалеммæ  гæсгæ  плæнтты  фæдыл йæхæдæг фехъсын кодта.   Уый телефонæй фæныхас кодта,  Палестинæйы  президент  Махмуд Аббасимæ,  Иорданийы   Паддзах  Абдуллаимæ, Египеты  президент  Абдел Фаттах Ал-Сиси æмæ Сауды Аравийы  паддзах  Салманимæ.

Арабаг лидерты аргълæвæрдæй,   ацы скуыддзагæн гæнæн ис  пысылмонты æрдæм бæлвырд   провокацийæ аргъ скæнын.

Йерусалемы  статус,   кæцы Израилы æмæ  палестинæгтæн  сыгъдæг   бынат у, иттæг   дааауг фарст у   рагæй фæстæмæ.

Израиль, сахары  кæддæриддæр йæхуыл  нымадта,  Йерусалемы  хурыскæсæн хайы   та сæхи хонынц Палестинæгтæ.  Ацы  даууы тыххæй, æхсæнадæмон   организацитæ  æмæ минæварадтæ   сты Тель-Авивы.