Торнике Хъипиани  2021  азы  Евроуынынадыл Гуырдзыстоны  номæй  ралæудзæн зарæгæй  «You»
Торнике Хъипиани 2021 азы Евроуынынадыл Гуырдзыстоны номæй ралæудзæн зарæгæй «You»

Торнике Хъипиани  2021  азы  Евроуынынадыл Гуырдзыстоны  номæй  ралæудзæн зарæгæй  «You». Зарæг у англисагæвзагон  æмæ æндæр æмæ æндæр  жанртæ иу кæны – рок, поп-рок æмæ  блюз-рок.  Конкурсон  зарæг  Торнике Хъипиани йæхæдæг ныффыста.

Евроуынынады  зарæджы конкурсыл Гуырдзыстоны минæвар Торнике Хъипианийы  сценон  номырыл  бакусдзæнис   шведаг режиссер  Эмилиа  Синдквист. Зарæджы премьерæ  ацæудзæн марты.

Ацы аз  масштабон  конкурсæн  сфысым кæндзæн Роттердам 18,20 æмæ 22  майы.  Гуырдзиаг хайадисæг  дыккаг æрдæгфиналы  райсдзæн хайад.