«Тбилиси прайд» - фæнды нæ райхъусын кæнын, цæмæй  намысы марш абон нал  ацæудзæн
«Тбилиси прайд» - фæнды нæ райхъусын кæнын, цæмæй намысы марш абон нал ацæудзæн

«Тбилиси  прайды» номæй нæ фæнды райхъусын кæнын, цæмæй  «намысы марш #солидарондзинадæн»  абон нал цæудзæн, – уый фæдыл  банысангонд у «Тбилиси прайды»  фидиуæны.

Организаци  Тбилисы  уынгты  абон  айтынггонд  фæзындты  хæст расидтæй  хоны  æмбæстагон дзыллæйы, демократион  аргъдзинæдты æмæ  бæстæйы  Европаг  курсы ныхмæ.

«Абоны фæзындты тыххæй нын нæй  уый æнхъæлц, цæмæй МХМ, адекватонæй сыххæст кæндзæн  йæ хæстæ, уымæн æмæ уынæм, цæмæй  ницы аразынц сæ  цæсты раз  цæугæ тыхмидзинады факттыл, фыдзæрдæдзинады егъау  уылæн та,  кæцыйы  ацы тæккæ уынæм у растдæр хицауады  æмæ   патриархийæ рацæугæ  æмæ  цырынгонд.

Хъусын кæнæм  æхсæнадæмон дзыллæмæ, оппозицион  партитæм, æнæхицауадон  организацитæм,  фарсхæцджытæм æмæ  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм,  дырысæй  фæхицæн уæт  бынтон  антипаддзахадон  æнархайды  политикæйæ.

«Тбилисипрайды»  номæй  нæ фæнды  райхъусын кæнын, цæмæй  «намысы марш “солидарондзинадæн” абон нал ацæудзæн. Хицауад, пиар уæнгты æмæ нæ фарсхæцджыты  æдадсзинад сифтонг кæныны бæсты,  активон  архæйдтæй нæ бахъыгдардта  спайда кодтаиккам æмбырды барæй.  Нæу нæ бон рацæуæм, хицауады, патриархийы  æмæ проуырыссаг  тыхты æххуысæй  тыхгæнджытæй едзаг  уынгтæм æмæ  рискы бын  бакæнæм  адæймагæты  цард!»,-  банысангонд у фидиуæны.