«Талибаны» лидерты фембæлды бынатыл сырæзт артиллерион хафт, фæмард 50-йы онг хæстон сæргълæууæг
«Талибаны»  лидерты фембæлды  бынатыл сырæзт артиллерион хафт,  фæмард  50-йы  онг хæстон сæргълæууæг

Афгъанистаны  провинци  Хелманды   радикалон  исламистон  змæлд  «Талибаны» 50-ы онг хæцæгы æмæ сæ лидеры  ликвидаци сырæзт.  Уый фæды л информацийы хъусын кæнынц  АИШ-ы   гарджын тыхтæ.

Артиллерион  бырст 24 майы  сахар  Муса Калайы  сæххæст,  цы ран  æндæр æмæ æндæр провинцийæ æрцæугæ  æмæ æрымбырдуææг  талибаны лидерты фембæлд  цыдис.

Змæлд «Талибан»  ахæлиугонд   информацийыл нæ сæтты  æмæ  йæ   амеркиаг пропагандæйæ хоны. Исламистты ныхæстæм гæсгæ,  бырсты  амæттаг зæгъгæ фесты сабырадон æмбæстæгтæ.