Афгъанистаны мæзджыты æрцæугæ срæмыгъды фæстиуæгæн 13 адæймаг амард
Афгъанистаны  мæзджыты æрцæугæ срæмыгъды  фæстиуæгæн  13 адæймаг амард

Афгъанистаны   мæзджыты  цур æрцæугæ   срæмыгъды  фæстиуæгæн  иууыл  цъус  13  адæймаг  амард, 30  та  фæцæф ст.  Срæмыгъд æрцыд  бæстæйы  скæсæны уæвæг Хостийы  провинцийы.

Бынæттон полици куыд   дзуры  афтæмæй,   Мæзджыты  адæмы  сихоры  куывды   фæстæ æрымбырд сты. Ацы рæстæджы  бæстыхайы  уыдис  æвзæрсгæнджыты  регистрацийы  центр дæр.

Æрцæугæйыл бæрн йæхимæ нырма ничи райста.

Бакой уын кæндзыстæм,   Афгъанистаны  взæрстгæнджыты  цйентрыл бырст  апрелы  цалдæр хатт сырæзт.  Парламентон æвзæрстытæ  Афгъанистаны  октябры хъуамæ ацæуой.