Стыр Британийы минæвар - Зæрдиаг бузныг Гуырдзыстонæн солидарондзинады тыххæй
Стыр Британийы минæвар Джастин Маккензи Смит Гуырдзыстонæн солидарондзинады тыххæй бузныг дзуры.
«Зæрдиаг бузныг Гуырдзыстонæн солидарондзинады тыххæй. Нæ партнертæ нæ фарсмæ сты æмæ Уæрæсе хъуамæ бамбара, цæмæй йын æхсæнадæмон барады нормæты саст нæ батайдзæн» – фыссы дипломат социалон хызагы æмæ Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты уагдоны фидиуæны публикаци кæны, кæцыйы мидæг дзырдæуы Гуырдзыстонæй уырыссаг дипломаты аддæдуар кæныны тыххæй.
Гуырдзыстон Швейцарийы Уæрæсейы интересты секцийы кусæгы бæстæйæ феддæдуар кæндзæн.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад Швейцарийы минæварадмæ Уæрæсейы интересты секцийы кусæгы Гуырдзыстоны территорийæ арвитынæн авд бонон æмгъуыд дæтты.
Гуырдзыстоны æддагполитикъон уагдоны фидиуæнмæ гæсгæйæ, скуыддзаг ист æрцыд Иугонд Паддзахады территорийыл Сергей Скрипалы фæхъæстæ кæныны факты тыххæй.
Раздæры уырыссаг агенты Сергей Скрипалы æмæ чызгы 4 марты, Англисы сахар Солсберрийы фæхъæстæ кодтой. Æрцæугæйы бæрн, Стыр Британи сæвæрдта Уæрæсейыл æмæ бæстæйæ 23 уырыссаг дипломаты атардта. Стыр Британийæн солидарондзинад рæхджы расидтысты æндæр бæстæтæ дæр.
Ацы рæстæгмæ уырыссаг дилпломатты 30-ы онг паддзахад феддæдуар кодта, сæ нымцы АИШ-æ, Канадæ, Австрали, Евроцæдисы бæстæтæ, Молдовæ æмæ Украинæ. Вашингтоны скуыддзагæй АИШ-æй рарвитдзысты 60 уырыссаг дипломаты, Сиэтлы та Уæрæсейы консулад æрыхгæндзысты.