Сомихыстон æмæ Азербайджаны арæныл, уавæр иттæг фæкарз ис ,фарсытæ æфсæддон быцæудзинæдты æмæ амæттагы тыххæй хъусын кæнынц
Сомихыстон æмæ Азербайджаны арæныл, уавæр иттæг фæкарз ис ,фарсытæ  æфсæддон быцæудзинæдты æмæ  амæттагы тыххæй  хъусын кæнынц

Сомихыстон æмæ Азербайджаны арæныл, уавæр  иттæг фæкарз ис.  Фарсытæ   æфсæддон  быцæудзинæдты  æмæ  амæттагы тыхæхй  хъусын кæнынц.

Азербайджайнаг медиайы  хъусинагæй,   Сомихыстоны æрдгæй   абон   сæумæрайсом  егъаумасштабон  бырсæнцыд сыххæст.  Фæстиуæгæн ис амæттаг. Уый нымæцы   сабырадон æмбæстæгтæ.

Азербайджаны хъахъъхæнынады  министрады  куыд дзурынц афтæмæй,   азербайджайнаг æфсæддæттæ  дзуаппон æхст  райдыдтой.  Архайдтой  уæззау  техникæ æмæ  артиллерийæ.

Сомизыстоны та хъусын кæнынц,  цæмæй   Азербайджаны æрдгæй  райдыдта бырсæнцыд Уæлхох Къарабахмæ. Фидиуæн  сарызта Сомихыстоны  премьер-министр  Никол Пашинян.

Сомихыстоны  хъахъхъæнынады министрад та хъусын кæны, ома сомихаг  æфсæддæттæ  дыууæ азербайджайнаг  хæрдмæтæхæг  æмæ æнæпилот тæхæн аппарат  æрыппæрстой.  Сæ  хъусинагæй, æхсты гуыпп хъуысы  Сетпанакерты дæр.

Уæлхоз Къарабахы  æмбæстæгтæн амонынц, хæдзарæй ма рацæуой  æмæ бункекртæм ныххизын.