Сирийы сахар  Камишлийы  æмбæстæгтæ, америкаг  æфсæддæттыл  дуртæ  ныккалдтой
Сирийы сахар Камишлийы æмбæстæгтæ, америкаг æфсæддæттыл дуртæ ныккалдтой

Сирийы сахар  Камишлийы  æмбæстæгтæ, америкаг  æфсæддæттыл  дуртæ  ныккалдтой.  Инцидент  уæд æрцыд,  америкаг  æфсæддон техникæ, Сирийæ  куы  рацæйцыд  æмæ Иракы  æрдæм куы  змæлыд.

Æмбæстæгтæ   америкаг æфсæддæттыл дуртæ æхстой æмæ  хъæр кодтой зæгъгæ – «Мæнгард амеркæгтæ, ацæут».

Инциденты æвдисæг видео,  курдаг инфомацион  агентад ахæлиу кодта.

Бакой уын кæндзыстæм,  цæмæй  америкаг  æфсæддæтты ракæныны бардзырд, Дональд Трамп, уый фæстæ  радæтта,  Сирийы   цæгат хайы,  Турк  æфсæддон операци куы райдыдта.

АИШ-ы  президенты уынаффæ сирийаг курдæгтæ,  кæцытæ АИШ-ы æмцæдисонтæ уыдысты, «Исламы Паддахадимæ» тохы, Вашингтоны гадзрахатдзинадыл банымадтой.