Швецийы фæсарæн хъуыддæгты министр - Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны  уырыссаг æфсæддæтты  уæвын  æхсæнадæмон барады  хæлд у
Швецийы фæсарæн хъуыддæгты министр - Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны уырыссаг æфсæддæтты уæвын æхсæнадæмон барады хæлд у

Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны  уырыссаг æфсæддæтты  уæвын  æхсæнадæмон барады  хæлд у, –  уый фæдыл Швецийы  фæсарæн хъуыддæгты  министр социалон хызаг  «Твиттеры»  2008 азы  августы хæсты  тыххæй  ныффыста.

«Абон нысан цæуы  11  азы  сæр   Гуырдзыстонмæ Уæрæсейы  лæбурдæй.  Швеци Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады  хъæддых фарсхæцæг у.  Абхазы æмæ Хуссар  Ирыстоны уырыссаг æфсæддæтты уæвын  у  æхсæнадæмон барады  хæлд. Сидын Уæрæсемæ, сæххæст кæна 2008 азы  æхсæзпунктджын бадзырд», –  фыссы Маргот Вальстрьомм.