Сергей Шамба - Батум у европæйаг æмвæзы курорт
Сергей Шамба -  Батум  у европæйаг æмвæзы курорт

Оккупацигонд  Абхазы  раздæры  премьер-министр Сергей Шамба хъусын кæны,  цæмæй  зæгъгæ Батумæн йæ бакаст  бирæ бонджындæр у Гаграимæ абаргæйæ.  Уый фæдыл  Шамба, радио «Эхо Москвы»-имæ  интервьюйы  рæстæджы  загъта.

Журналисттæ интервьюйы рæстæджы банысан кодтой, цæймæ Батум  у Европæйаг æмвæзады  курорт, æрмæст Сергей Шамбайы та фарстой, куыд  рæвдз у  сахар Гаграйы  инфраструктурæ.

«Нæ йæ æмбарын,  кæмæн йæ зæрдæмæ цæуы, кæмæн та  -нæй.  Мæнмæ  гæсгæ,   фылдæр уæддæр  зæрдæрухс  сты  Абхазы  æрвыст улæфтæй.  Бирæтæ  нæм æрцæуынц.  Мæнæн  ерын зын у ныхас кæнын.  Сæрмагонд  цæстæнгас мæм ис,  интересджын дæн, фæлæ  хъуыды кæнын,  цæмæй  Батумæн йæ бакаст бирæ бонджындæр у æмæ бынтон æндæр бæрзæндыл  лæууы.  Ам зæгъæн ис бирæ хуымæтæгдæр у алцыппæт,  фæлæ дзы  денджыз  ам дæр хорз у,  Батумæй  хуыздæр дæр у»-  банысан кодта  Шамба, Гаграйы  инфраструктурæйы фæдыл  лæвæрд фарсты  дзуаппæн.

Сергей Шамбайы ныхæстæм гæсгæ.  Ачъарайы  курорттæ  фылдæр  райтынггонд  сты, уымæн æмæ «уым зæгъгæ  фылдæр инвестици уыд».

«Гуырдзыстонæн  æххуыс кæнынц  æппæт дунейæ, АИШ, Европæ,  бирæ  бæстæтæ сæ  банымадтой  æмæ  интересджын сты  Гуырдзыстоны  инвестицитæ нывæрынæй.  Аъчарайы  инвестицитæ  æвæрынц Хъазахстан, Азербайджан дæр æмæ бирæ æндæр бæстæ.  Мах та  фылдæр ориентацигонд стæм  æрмæст уырыссаг инвестициты æрдæм. Ис  цалдæр инвестор Туркæй, фæлæ  фылдæр  уæддæр сты Уæрæсейæ.  Фæлæ ам  бирæ  вазыгджындæр у. 2008 азы  онг  мах  уыдыстæм блокадæйы,  уый  дæр æнæмæнгæй  хъæуы  зæрдыл бадарын.  Абхазы уыдис хæст. Ам скуынæг  ис  инфраструктурæ æнæхъæнæй, æдазовдтæ, æдфабрикæтæй иууылдæр.   Æппæт  ифтонггарзтæ  фæластой  Гуырдзыстонмæ,  денджызон наутæ  дæр.  Алцыппæт, цæй  аласын сæ бон баис,  иууылдæр аластой. Мах та æрцыдыстæм  бынтон куынæггонд  æмæ мæгуыр   сæйраг сахармæ.  Бирæтæн сæ хæдзæрттæ  басыгъдтой, ис мидмиграци.  Мах ацы  зындзинæдтæн нырма нæ бахъом стæм, сындæггай  сæ æрбиноныг кæндзыстæм, Уæрæсе нын æххуыс кæны.  Алцыппæт ай у  Уæрæсейы æххуысы руаджы» –  райхъусын кодта Шамба.

Оккупацигонд  Абхазы раздæры а.х. премьер-министр, Сергей Шамба, «Эхо Москвы»-имæ интервьюйы фæныхас кодта  Гуырдзыстоны æмæ оккупацигонд Абхазы æхсæн  ахастытыл.