Саломэ Зурабишвили - ИНО-йы  генералон ассамблей Гуырдзыстоны резолюци кæй  сбæлвырд кодта уый у нæ дипломативон  тыхархайды  æнтыст
Саломэ Зурабишвили - ИНО-йы генералон ассамблей Гуырдзыстоны резолюци кæй сбæлвырд кодта уый у нæ дипломативон тыхархайды æнтыст

ИНО-йы  генералон ассамблей   Гуырдзыстоны резолюци кæй  сбæлвырд кодта,  уый у  нæ диполмативон  тыхархайды  æнтыст – ацы  фидиуæн  Гуырдзыстоны президент  Саломэ Зурабишвили  «Твиттеры» официалон фарсыл ахæлиу кодта.

«ИНО-йы генералон ассамблей  ноджы иу хатт сбæлвырд кодта  Гуырдзыстоны резолюци, кæцы  бæлвырд кæны тыхыбын бынативгæ  уæнгты æмæ  сæ байзæддæгты бар  æрыздæхой Абхаз æмæ  Цхинвалы регионмæ.  Уый у нæ дипломативон  тыхархайды æнтыст æмæ ноджы  стырдæр  ныфс  мингай  тыхбын бынативгæ   уæнгæн, кæцытæ æнхъæлмæ кæсынц  хæдзармæ æрыздæхынмæ»,-  фыссы Гуырдзыстоны президент.

ИНО-йы   генералон ассамблей, 73-аг  сессийы фæлгæтты,   райста Гуырдзыстоны æмæ 44  бæстæйы   инициргонд  резолюци, «Абхазæй (Гуырдзыстон)  æмæ Цхинвалы регионæй/Хуссар Ирыстон (Гуырдзыстон) тыхыбын бынативгæ уæнгты æмæ  лигъдæтты   статусы тыххæй» –  Документæн йæ фарс рахæцыдысты 79 хъæлæсæй  15  ныхмæ.