Саломэ Зурабишвили – ИНО-йы генералон ассамблей Гуырдзыстоны резолюци кæй сбæлвырд кодта уый у нæ дипломативон тыхархайды æнтыст
ИНО-йы генералон ассамблей Гуырдзыстоны резолюци кæй сбæлвырд кодта, уый у нæ диполмативон тыхархайды æнтыст – ацы фидиуæн Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили «Твиттеры» официалон фарсыл ахæлиу кодта.
«ИНО-йы генералон ассамблей ноджы иу хатт сбæлвырд кодта Гуырдзыстоны резолюци, кæцы бæлвырд кæны тыхыбын бынативгæ уæнгты æмæ сæ байзæддæгты бар æрыздæхой Абхаз æмæ Цхинвалы регионмæ. Уый у нæ дипломативон тыхархайды æнтыст æмæ ноджы стырдæр ныфс мингай тыхбын бынативгæ уæнгæн, кæцытæ æнхъæлмæ кæсынц хæдзармæ æрыздæхынмæ»,- фыссы Гуырдзыстоны президент.
ИНО-йы генералон ассамблей, 73-аг сессийы фæлгæтты, райста Гуырдзыстоны æмæ 44 бæстæйы инициргонд резолюци, «Абхазæй (Гуырдзыстон) æмæ Цхинвалы регионæй/Хуссар Ирыстон (Гуырдзыстон) тыхыбын бынативгæ уæнгты æмæ лигъдæтты статусы тыххæй» – Документæн йæ фарс рахæцыдысты 79 хъæлæсæй 15 ныхмæ.
https://twitter.com/Zourabichvili_S/status/1136186250619162626?ref_src=twsrc%5Etfw%7Ctwcamp%5Etweetembed%7Ctwterm%5E1136186250619162626&ref_url=https%3A%2F%2F1tv.ge%2Fnews%2Fsalome-zurabishvili-gaero-s-generaluri-asambleis-mier-saqartvelos-rezoluciis-damtkiceba-chveni-diplomatiuri-dzaliskhmevis-warmatebaa%2F