Reuters - Испани Пуичдемоны æрцахсын куры, кæд уый Бельгийæ Данимæ ацæудзæн уæд
Reuters -  Испани  Пуичдемоны æрцахсын куры, кæд уый Бельгийæ Данимæ  ацæудзæн уæд

Испани  Каталонийы  раздæры лидеры, Карелс  Пуичдемоны  æрцахсын  куры,   кæд   æмæ Бельгийæ  Данимæ  ацæудзæн уæд. Агентад   Reuters –ы информацийæ,  уый фæдыл  зæгъгæ райхъусын кодта Испанийы  прокуратурæ.

Испанийы  прокуратурæй  хъусын кæнынц, цæмæй Пуичдемоны  Данимæ ныццæуыны цауы, тæрхондонæй домы,   йæ  æрцахсынæн ордер ногæй  адæттын.

19 январы, Коппенгагены  университеты  фехъусын кодтой, цæмæй Карлес Пуичдемон  фидæн къуырийы  политологийы  факультетыл Каталонийы фарсты фæдыл дебатты исдзæн хайад.

Испанийы   иууыл бæрзонд  тæрхондон,    Каталонийы раздæры лидеры æрцахсынæн  æхсæнадæмон ордер рауагъдта, фæлæ  йæ декабры фæмацы кодта.   Пуичдемоны  адвокат куыд  дзуры  афтæмæй,   Данийы йæ дæлæвджиды  æрцахсыны рискъ   бæрзонд у, фæлæ  йæ  ныхæстæм гæсгæ, ныфсджын у  цæмæй Данийы  хицауад   Испанийы   æркуырды сæххæстыл не сразы уыдзæн.

Данийы прокуратурæйы минæвæрттæ сæхи æрдгæй  банысан кодтой, цæмæй  сырæзт  уавæрмæ  лæмбынæг цæст бадардзысты.

Каталонийы  лидер  ныр Брюсселы уæвы.