Реджеб Тайип Эрдогъан хъусын кæны, цæмæй Турк ивæн къурсыты системæйæн нæ бакомдзæн
Реджеб Тайип Эрдогъан хъусын кæны, цæмæй  Турк   ивæн къурсыты  системæйæн нæ бакомдзæн

Турчы  экономикæмæ лæбурд  кувынмæ сидты æмæ   тырсамæ  бырстæй  хъауджы нæу, йæ нысан та у,  мах   зонгуытыл  сæвæрын – уый фæдыл  райхъусын кодта Турчы президент.

Реджеб Тайип Эрдогъаны ныхæстæм гæсгæ,  чидæриддæр Турчы  дæлбар бакæнын архайы,  террористон къордты,  гадзрахатгæнджыты  æмæ  сусæгвæндты руаджы,,  уый зæгъгæ  тагъд  фендзæн цæмæй Анкъара  ивæн къурсыты системæйы  дæлбар нæ бауыдзæн.

Видеосидты  Турчы президент  византиæгты æмæ   грекæгты ныхмæ  1071 азы  Манаскерты  æмæ   1922 азы   Думлупинары  хæстытæ   æрымысыд.

Турчы  æмæ АИШ-ы  ахастыты  фæкарзы  фоныл,   Туркаг  валюта  рекордонæй  сæнæаргъ ис. Иу  америкаг  доллары  аргъ уыд 7  лирæ,  фæлæ  хицауады  мадзæлтты  ауадзыны фæстæ  лирæ  цъус  фæфидардæр ис.