Реджеб Тайип Эрдогъан - АИШ-ы æртъхъирæн, Туркы  мæты не ’фтауы æмæ æфсæддон операци адарддæр кæндзæн
Реджеб Тайип Эрдогъан - АИШ-ы æртъхъирæн, Туркы мæты не ’фтауы æмæ æфсæддон операци адарддæр кæндзæн

Турчы президент  Реджеб Тайип Эрдогъаны дзырдæй,   АИШ-ы æртъхъирæн  санкцитæ уагæвæрды  тыххæй, Туркы  мæты не  фтауы æмæ  æфсæддон операци адарддæр кæндзæн.   Ацы  фидиуæны, Турчы лидер  Азербайджанмæ  визиты фæуды фæстæ сарызта.

«Махæн нæ мысан у бæрæг  æмæ исты  санкциты  уагæвæрдыл нæ мæт кæнæм.  Сирийаг курдаг хæцджытæ тынг  цырдæй  сафынц  сæ позицитæ. Нæ мысан у  Турчы  арæнæй 32 километрмæ  аддæдуар кæнæм. Террористтимæ  бадзырдтæ мах  нæ аразæм», – райхъусын кодта Эрдогъан.

АИШ-æ  Туркæн  санкцитæ 14  октябры сфидар кодта   Уый  æфсонæн  АИШ  æрхаста Турк, Сирийы  цы æфсæддон опраци райдыдта  уый.  Вашингтоны райхъусын кодтой, цæмæй  зæгъгæ кæд Анкара  операци нæ  фæуромдзæн, уæд  гæнæн ис  санкцитæ фæкарздæр кæной.

Афтæдæр бæрæг ссис, цæмæй  16  октябры   Туркмæ ныццæудзæн АИШ-ы  делегаци,  кæцыйы  сконды   уыдзысты   АИШ-ы  вице-президент  Майк Пенс æмæ  паддзахадон нымæрдар Майк  Помпео.