Прокуррор – Михеил  Саакашвили æмæ Гиги Угулавайы фæмæллæгкæнæн процедурæтыл горæт Инсбрукы  бахардз ис 114 000 лари
Прокуррор – Михеил Саакашвили æмæ Гиги Угулавайы фæмæллæгкæнæн процедурæтыл горæт Инсбрукы бахардз ис 114 000 лари

Инсбрукы 114 000 лари бахардз ис Михеил Саакашвили æмæ Гиги Угулавайы фæмæллæг кæнынæн процедурæтыл, –  уый фæдыл падзахадон бюджеты  суммæтæ  ныппаплой кæныны фæдыл хъуыддаджы  прокуррор, Гиорги Муджири  райхъусын кодта.

Прокуратурæ Гуырдзыстоны раздæры президент, Михеил Саакашвилийы æмæ  паддзахадон  хъахъъхæды специалон куысты раздæры хистæр, Темур Джанашиайы,  зылынджын кæны паддзахадон бюджетæй суммæ ныппаплой кæныны.

Прокуррор куыд дзуры, афтæмæй, фæнысангонд  тугтæрхоны барады хъуыддаг не ххæссы  раздæры президенты официалон визиттæм  æмæ протоколæй  бæрæг мадзæлттыл хардзтæм.  Муджирийы дзырдæй, фараст милуан, кæцыйыл цæуы дауу, сты æмæ хардз цыдысты  президенты, йæ бинонты, хæлæртты æмæ  алыварслæуджыты  комфортыл.