Парламенты  юридикъон фарстаты комитеты рабадтыл абон  байхъусдзысты  Ираклий Шотадземæ
Парламенты юридикъон фарстаты комитеты рабадтыл абон байхъусдзысты Ираклий Шотадземæ

Гуырдзыстоны  парламенты юридикъон фарстаты   комитеты   рабадтыл абон   хъусдзысты  генералон  прокурроры бынаты  кандидатмæ,  Ираклий Шотадземæ.

Парламентмæ  Ираклий Шотадзейы   кандидатурæ  бавдыста  прокуррорты  совет.  Ираклий Шотадзейы   кандидатурæйæн   пленарон  рабадтыл  гæнæн  ис  цæугæ  къуырийы  схъæлæс  кæной.   Ираклий Шотадзейы  фæнысангонд  бынатмæ  сывзарынæн  бахъæудзæн  76 депутаты   хъæлæс.

Прокуррорты совет   суæг  хъæлæскæнынады  фæстиуæгæн   Гуырдзыстоны   генералон  прокуррортæм  кандидатæй   Ираклий Шотадзейы   7  февралы   сывзæрста.  Закъондæттынадмæ гæсгæйæ,    парламент   генералон   прокурроры   æхсæз   азы  æмгъуыдмæ сывзары.

Юридикъон   фарстаты комитеты рабадт нысангонд у   14:00  сахатмæ.