Парламенты Гуырдзыстоны Фыццаг Конституцийы  100 азы  юбилеймæ  нывонд бæрæгбонон рабадт ацæудзæн
Парламенты Гуырдзыстоны Фыццаг Конституцийы 100 азы юбилеймæ нывонд бæрæгбонон рабадт ацæудзæн

Абон 21 февралы  Гуырдзыстоны  парламент  фыццаг конституцийы  100 азы юбилеймæ нывонд  мадзæлттæн сфысым кæндзæн.

Гуырдзыстоны парламенты  дзурынц, цæмæй  мадзæлтты  фæлгæтты,  парламенты сæрдар  Арчил Æлакъвадзе  æмæ  стыр  гуырдзиаг  æхсæнадон архайæгы  байзæддаг, 10 аздзыд  Эвктиме Æхъаишвили, «Эвктиме  Æхъаишвилийы  номыл  гуырдзиаг   парламенæризмы музей» бакæндзысты.

Фыццаг Конституцийы 100 азы  юбилеймæ нывонд бæрæгбонон рабадтыл,  кæцы пленарон  рабадтыты  залы  ацæудзæн, дзырдæй ралæудзысты    парламенты сæрдар  Арчил Æлакъвадзе,  президент Саломэ Зурабишвили,  премьер-министртæм кандидат  Ираклий Гъарибашвили  æмæ  конституцион   тæрхондоны сæрдар Мераб Турава.

Парламенты  пресс-куысты  хъусинагæй,   мадзæлтты фæлгæтты, парламентон фылдæрты  лидер, «Гуырдзиаг Бæллицц –  Демокративон Гуырдзыстоны»  сæрдар Ираклий Къобахидзейы, «Сæрибары  парламентон орденæй» схорзæхджын кæндзысты.  Законæй   бæрæг  æмбæлгæ   хцайæ   хорзæх Ираклий Къобахидзе   онкологион  диагноз цы сабитæн  сывæрдтой  уыдоны хыгъдмæ  арвитдзæн.

Уыимæ иумæ, закъондæттæг  органы  иуыл цъус 25 азы дæргъы æнтыстджын куысты  тыххæй,  парламенты аппараты  13  кусæгы  схорзæхджын кæндзыстыю

Мадзалыл  уыдзысты Гуырдзыстоны президент, премьер-министртæм кандидат, автономион республикæты  хицауадты æмæ Бæрзонддæр советты сæрдæрттæ,   дипломатон  корпусы  минæвæрттæ, Гуырдзыстоны  конституцион  æмæ Сæйраг Тæрхондоны сæрдæрттæ,  Тбилисы мер,  Тбилисы  сакребулой  сæрдар,  Патриархийы æмæ религион конфесситы  минæвæрттæ, атæма, вктиме Æхъаишвилийы  байзæддæгтæ.