Парламенты абон хъусдзысты  Экатерине Тъикъарадземæ
Парламенты абон хъусдзысты Экатерине Тъикъарадземæ

Парламенты абон  æнхъæлмæ кæсынц æнæнизхъахъхъæды министрмæ. «Министры сахаты» фæлгæтты  Экатерине Тъикъарадзе  сессийыл   йæ  уагдоны   куысты  фæдыл   хыгъдлæвæрд бавдисдзæнис æмæ  депутатты фарстытæн ратдзæн дзуапп.

Цæстдарæг функцийы  фæлгæтты   закондæтджыты   фарстытæ фылдæр уыдзысты   пандемийы æмæ уымæй равзæргæ  проблемæты фæдыл.

Партиты «Гирчи», «Æмбæстæгтæ»  æмæ  «Европаг Социалисттæй» хъауджыйæ,  пленарон  рабадтмæ бацæуын нæ хъавы  Шарль Мишелы  документыл къухбафыссæг   оппозицийы  фылдæры хай.