Парламент 51  оппозиционер  депутатæн,  депутаты æххæстбартæ банцадыл сом фæуынаффæ кæндзæн
Парламент 51 оппозиционер депутатæн, депутаты æххæстбартæ банцадыл сом фæуынаффæ кæндзæн

Парламент 51  оппозиционер  депутатæн,  депутаты æххæстбартæ урæдыл  26 январы  фæуынаффæ кæндзæн.  Ацы нысанæн  райсоммæ нысангонд у  процедурон  фарстыты комитеты рабадт, кæцыйы   фарсты фæдыл раныхасгæнæг  комитеты  сæрдар Ираклий Кадагишвили уыдзæн.

Парламент  январы  райдайæны  депутаты æххæстбартæ  баурæдта  «Патриотты Альянсы» уæнгтæн – Ирма Инашвили, Гиорги Ломиа  æмæ Гоча  Тевдорадзейæн, уыдоны бæсты,  закондæттæг органмæ бацыдысты  партийы  æвзарæнон  номхыгъды  уæнгтæ  Придон Инджиа, Гела Микадзе æмæ  Давит Зилпимиани.

Комитетон касты  фæстæ  фæнысангонд фарст  рахæсдзысты рабадтмæ, кæцыйыл  оппозиционер депутаттæн  депутаты æххæстбартæ банцадæн  76 депутаты хъæлæс бахъæудзæн.  Фæнысангонд  депутаттæ  дæсæм æрсидты   парламентмæ  депутатон  æххæстбартæ бауромыны куырдиатæй  сæхæдæг баздæхтысты,  уый æфсонæн та  бавдытой  парламентон æвзæрстыты фальсификаци.