Парламент 2020 азы  бюджет сфидар кодта
Парламент 2020 азы бюджет сфидар кодта

Гуырдзыстоны парламент  83  хъæлæсæй,  иуы  ныхмæ,  2020 азы  бюджет сфидар кодта.

Документы фыццагон   проектæй  хъауджыйæ,   кæронбæттæн  версийы,   хардзты  фадыг  221  милуан  ларийæ, 14 миллиард, 432  милуан  866 мин ларийы  онг райрæзтис.  Уый 2019 азы  бюджеты  нымад бæрæггæнæнæй,  1.1  миллиард ларийæ  фылдæр у.

Бюджеты   социалон  хардзтæн  æфтауцæй  рауæлдай ис  300  милуан лари.   Фыццаг январæй   пенситы  æмæ социалон  æххуысæн  20  ларийæ  фæфылдæр  у  пълангонд,  æрмæст фыццаг июлæй  70  азы  æмæ  уымæй  хистæрдæр   кары пенсионертæ, афтæма 18 азы  онг  кары æмæ  дырысæй  бæрæг  амалхъомдзинад  цух  кæцы  уæнгтæ  сты,  уыдон пенситæм ма ноджы  30  лари бафтаудзысты.

2020 азы  бюджеты  ахуыргæнджыты   мыздты  фæфылдæрæн рауæлдай ис  120 милуан лари.  Сæрмагондæй  ног  азуырадон азæй,   пълан кæны мыздты  150  ларийæ  фæуæлдай  кæнын.

Фидæн азы  бюджеты  афтæдæр нымадмæ ист у  мыздты  фæфылдæр кæнын   пъæлицæйæгтæн,  зынгвæдисон-ирвæзынгæнæг куысты  кусджытæн,  æфсæддæттæн,  фыццагон  æнæнизхъахъхъæды персоналæн æмæ рæвдауæндæтты  персоналæн.

Бюджеты  фæфылдæр сты  хардзтæ  инфраструктурæйыл, уый  нымæцы  регионон рæзынады  æмæ  инфраструктурæйы министрады  бюджет, 2 миллиард 070 милуан  лари уыдзæн.

Бюджетмæ  сæрфыццагæй   экъономикон  рæзынады  фондзпроцентджын  уынинаг æрцыд хаст, фæлæ  æхсæнадæмон  валютон фонды  рекомендацийæ,  йæ  æрныллæгдæр кодтой  4.5  проценты онг.