Паддзахадон æдасдзинады куысты фæцис, журналист Нодар Меладзейы æрфарст.
ПÆК-ы бæстыхайæ рацыды фæстæ Ноддар Меладзе журналисттæн куыд загъта афтæмæй, фæдагуырджытæ бацымидис сты эфиры ацæугæ сюжеты уæвæгинформацийæ. Меладзе куыд райхæлдта афтæмæй, журналистон куысты фæлгæтты ссаргæ информацийы фæдыл уый æвдисæндзырд нæ ратта.
Телекомпани «Мтаварийы» генералон директор Ника Гварамиа райхъусын кодта, цæмæй журналист Гиорги Габуниайы ликивдаци пълангонд уыд Цæцæны президент Рамзан Кадыровы заказæй. Ликвидаци та, Уæрæсейы æмбæстаг, Мæхъæлы гуырд Васамбек Бадрийы фырт Боков хъавыд, кæцыйы Гуырдзыстоны контр-террористон куыст æрцахста.
Паддзахадон æдасдзинады куысты хъусын кæнынц, цæмæй Васмабек Боков ахст у заказæй марындзинад æрцæттæйы хъуыддаджы фæлгæтты æмæ сидынц алкæмæ дæр, æнæбæлвырд информаци ма парахат кæной.
Хъуыддагмæ гæсгæ, магистрат тæрхонгæнæгимæ æрфарстой телекомпани «Мтаварийы» директоры Ника Гварамиайы æмæ журналист Гиорги Габуниайы.