ПÆК-ы фæцис журналист Нодар Меладзейы æрфарст
ПÆК-ы фæцис журналист Нодар Меладзейы æрфарст

Паддзахадон æдасдзинады  куысты фæцис,  журналист Нодар Меладзейы æрфарст.

ПÆК-ы бæстыхайæ рацыды фæстæ  Ноддар Меладзе журналисттæн куыд  загъта афтæмæй,   фæдагуырджытæ  бацымидис сты  эфиры ацæугæ  сюжеты  уæвæгинформацийæ.  Меладзе  куыд райхæлдта афтæмæй,   журналистон  куысты фæлгæтты ссаргæ  информацийы  фæдыл   уый  æвдисæндзырд нæ ратта.

Телекомпани «Мтаварийы»  генералон  директор Ника Гварамиа  райхъусын кодта, цæмæй  журналист Гиорги Габуниайы  ликивдаци пълангонд уыд  Цæцæны президент Рамзан Кадыровы заказæй.  Ликвидаци та, Уæрæсейы  æмбæстаг,  Мæхъæлы   гуырд Васамбек  Бадрийы  фырт  Боков хъавыд, кæцыйы  Гуырдзыстоны контр-террористон   куыст æрцахста.

Паддзахадон æдасдзинады  куысты  хъусын кæнынц, цæмæй  Васмабек  Боков  ахст у   заказæй марындзинад  æрцæттæйы  хъуыддаджы фæлгæтты  æмæ  сидынц  алкæмæ дæр,  æнæбæлвырд информаци  ма  парахат кæной.

Хъуыддагмæ  гæсгæ,   магистрат  тæрхонгæнæгимæ æрфарстой  телекомпани «Мтаварийы»  директоры  Ника Гварамиайы  æмæ журналист  Гиорги Габуниайы.