Оккупацион режим Цънелис, Чорчана æмæ Цъагъвлы æхсæн постытæ аразын фæцис
Цхинвалы оккупацион режим оккупацигонд Цънелис, Чорчана æмæ Цъагъвлы æхсæн постытæ аразын фæцис. Постытæй 400 метр дæрццæг де-факто Цхинвалы тырыса райтыдтой.
Пост уыцы фæндагыл у арызт, кæцыйæ Цъагъвлы цæрджытæ пайда кодтой. Бынæттонтæн хъæдмæ бацæуыны фадат нал ис.
Цъагъвлы администрацион иуагы, Хашурийы мэрийы минæвар Важа Ломидзе не конкрет кæны, бæлвырдæй цы дæрццæгыл æрбабырста хъæуы территоримæ оккупацион режимы пост.
«Ацы фæндагæй хæъуы цæрджытæ пайда кæнæм. Ацы хъæдæй пайда кæнæм. Ныр ам змæлд гæнæн нал ис. Цæлдæр боны размæ сывæрдтой ацы пост ирон фарс хъæуы Цъагъвлийы, сæрмагонд ацы фæндагыл. Тырыса дæр райтыдтой. Ардгæй 400 метр дæрццæг дыккаг ирон тырыса райтыдтой. Уым нæ зонæм æрмæст дзы тырыса ис æви быдырон пост дæр. Нæ зыны. Постытæ фактонæй фесты. Ардгæй уынæм, цæмæй лæууынц æмæ рауай-бауай кæнынц постыл. Ацы посты сывæртой Чорчанайы гуырдзиаг пъæлицæйон пост кæй сывæрдтой, уый дзуаппæн. Æнæкæсгæ уымæ, хъуыды кæнæм, цæмæй Чорчанайы хъахъхъæнæн посты арызт, æдасдзинады æрдгæй иттæг нысаниуæгджын у. Ацы рæстæгмæ хъæуы сабырдзинад ис æмæ цæрджыты æхсæн паникæ нæй»,- райхъусын кодта Важа Ломидзе.