Оккупацигонд Абхазмæ ныццыд Æнæнизхъахъхъæнынады Æппæтадæмон организацийы делегаци
Оккупацигонд Абхазмæ ныццыд Æнæнизхъахъхъæнынады Æппæтадæмон организацийы делегаци

Оккупацигонд  Абхазмæ  Æнæнизхъахъхъæнынады Æппæтадæмон организацийы делегаци ныццыд.  Уый фæдыл  информаци хъусын кæны  быннæттон рауагъдад.  Ацы информацимæ  гæсгæйæ,   оккупацигонд   Абхазмæ ныццыдысты  Æнæнизхъахъхъæнынады Æппæтадæмон организацийы Гуырдзыстоны  офисы  къухдариуæггæнæг  Сильвио  Доменте, уæлвæтк уавæрты  программæйы   координатор  Раду  Коджокару, эксперт  Абдубуа  Марфов, афтæдæр  Гуырдзыстоны ИНО-йы  рæзынады  программæйы  (UNDP) иугæндзон  минæвар  Луиза  Винтон.

Бынæттон  медийы хъусинагæй,   Луиза Винтон  оккупацигонд Абхазы   а.х.   фæсарæн хъуыддæгты  министр,  Даур  Коевæн бавдыста  информаци, цæмæй  цы   хуызы  æххуыс  сæм бадавдзысты   коронавирусимæ тохы  нысанæн.

Бынæттон медийы  куыд хъусын кæнынц афтæмæй,  Æнæнизхъахъхъæнынады Æппæтадæмон организацийы делегаци, оккупацигонд Абхазæн коронавирусимæ тохы нысанæн адæтта   медицинон ифтонгггæрзтæ.