Сергей Лавров оккупацигонд Абхазы а.х. фæсарæн хъуыддæгты министр къух бафыстой «бадзырдыл» дывæр æмбæстагады регулиркæныны фæдыл фарстайыл

09:49, 28.09.2022

Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты министр  Сергей  Лавров   æмæ  оккупацигонд Абхазы а.х.  фæсарæн хуъыддæгты  министр Инал  Ардзинба  къух бафыстой   дывæр æмбæстагады срегулиркæныны фæдыл  а.х.  бадзырдыл.

Оккупацигонд   Абхазы   а.х.  фæсарæн хъуыддæгты  министрады    пресс-центры  хъусинагæй,   «Бадзырды»  фæстиуæгæн, æввахс фидæны  скусдзæн механизм, кæцыйы  фæлгæтты  Абхазы цæрæг  уæнгтæ,  Уæрæсейы   æмбæстагад   фенцондæргонд уагæй райсдзысты.

Уыимæ, ахæлиугонд  хъусинагæй,  дывæр  æмбæстагады  райсын  сæ бон бауыдзæн   уыцы  уæнгтæн, кæцытæм  Абхазы «Æмбæстагад» 2008 азы  26  августы онг уыд.

Фембæлдыл  Сергей  Лавров  афтæдæр   Уæрæсейы   æнæуæлдайныхасæй  фарсхæцыны фæдыл   райхъусын кодта, кæцыйы  Мæскуы,  оккупацигонд Абхазы а.х.  суверенитет  сфидар кæныны фæдыл  бæлвырд кæны.

Хуыздæр