Мюнхены æдасдзинады конференцийыл, Мамука Бахтадзе АИШ-ы  хъахъхъæнынады   нымæрдаримæ фембæлдзæн
Мюнхены æдасдзинады конференцийыл, Мамука Бахтадзе АИШ-ы хъахъхъæнынады нымæрдаримæ фембæлдзæн

Мюнхены æдасдзинады конференцийы  фæлгæтты, Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзе АИШ-ы  хъахъхъæнынады   нымæрдар, Патрик  Шэнахенимæ  фембæлдзæн. Уый фæдыл   Гуырдзыстоны хъахъъхæнынады   министр Леван Изориа  Фыццаг Къаналæн фехъусын кодта.

«Мюнхены  æдасдзинады конференцийы  фæлгæтты   плангонд  фембæлдтæй,  банысан кæнин  АИШ-ы  хъахъхъæнынады нымæрдары хæстæ  æххæстгæнæгимæ  Патрик  Ш

Шэнахенимæ  фембæлд. Ацы  фембæлд  аххæссдзæн 45  минуты бæрц.  Ацы фембæлдæн Гуырдзыстоны æрдгæй  къухдариуæг кæндзæн   премьер-министр Мамука Бахтадзе.

Уымæй  ноджы  иу хатт бахахх уыдзæн уый æмæ   нæ   бæстæты æхсæн стратегион  бастдзинад æнæфæцудгæ у. Ацы  фембæлды фæлгæтты   банысан  кæндзыстæм уыцы  æнтыстытæ,   кæцытæ  срæмагондæй  фæстаг  периоды райстам. Уый у Гуырдзыстоны  хъахъъхæнынады  цæттæдзинады программæйы æнтыстджынæй сæххæст, хæдиргъæфы  типы  хотыхты   балхæд æмæ   нæм ис нысаниуæгджын  прогресс. Æркæсдзыстæм  æмкуысткæнынады  ног форматтæ,   сæ нымæцы   стратегион æмвæзадыл  æмæ фидæны  тынг конкретон,    позитивон информацитæ  райсдзыстæм»-  райхъусын кодта Леван Изориа.

Мюнхены  æдасдзинады конференци 15-17  февралы  сырæздзæн.