Михеил Саакашвилимæ æртъхъирæн кæны 3-йæ 5 азы онг æмгъуыдмæ ахст
Михеил Саакашвилийы, Украинæйы тугтæрхоны барады кодексы 256-æм статийы 1-аг хайы( фыдгæнæг организациты баахъаз æмæ сæ зныггадгæнæг архæйдтыты басусæг кæныны) бындурыл райдайгæ фæдæвзарæны фæлгæтты æрцахстой. Уый фæдыл дзырдæуы Украинæйы æдадсзинады куысты официалон фидиуæны.
«2017 азы 5 декабры Украинæйы æдасдзинады куысты кусджытæ, Украинæйы генералон прокуратурæимæ иумæ, 256-æм статийы фыццаг хайы бындурыл рæгъмæ хаст хъуыддаджы фæлгæтты, Киевы цæрæн бынатыл æрцахстой Михеил Саакашвилийы. Барадхъахъæнджытæ, Михеил Саакашвилийы æрцахстой йæ адвокаты уым уæвындзинады рæстæджы. Плынгонд у йæ æрфарст» – дзырдæуы фидиуæны.
Фæнысангонд статий йæ хъуыдыйы дары 3-5 азы мæгъуыдмæ ахст.
Саакашвилийы Киевы цъус рæстæджы размæ æрцахстой.