Михеил Саакашвилийы Украинæйы Печерскы районон тæрхондоны залæй ссæрибар кодтой. Фæнысангонд тæрхоныскуыды тæрхонгæнæг цъус рæстæджы размæ рахаста.
«Адæмæй фæтарстысты, ай у стыр уæлахиздзинад» – банысан кодта Михеил Саакашвили тæрхоныскуыды расидыны фæстæ.
Прокуратурæ Саакашвиийæн домтта æвхæрды хуызæй электронон цонгдарæнæй дыууæмæйон мидахсты стæрхонг кæнын.
Пароцессыл уыдысты Михеил саакашвилийы бинойнаг, партий «Батькивщинайы» лидер Юлия Тимошенко æмæ журналисттæ. Рабадты параллелонæй тæрхондоны цур æмбырдæй сты «Ног Тыхты Змæлды» фарсхæцджытæ æмæ лидертæ.
Гуырдзыстоны экс-президент æмæ Украинæйы Одессæйы бæстæйы раздæры губернаторы 8 декабры æрцахстой. Медийы информацийæ, Михеил Саакашвилийы ахст, Украинæйы националон полицийы иуæй-иу департаменты къухдариуæггæнæджы хæдзары æрцыд.