Михеил Саакашвилийæн  æфхæрды æмгъуыд ахæцыны  фарстайыл тæрхоны  процессыл цæуы  америкаг невролог Шахин Эммануэл Лаханийы æрфарст
Михеил Саакашвилийæн æфхæрды æмгъуыд ахæцыны фарстайыл тæрхоны процессыл цæуы америкаг невролог Шахин Эммануэл Лаханийы æрфарст

Гуырдзыстоны  раздæры президент Михеил Саакашвилийæн æфхæрды æмгъуыд ахæцыны  фæдыл  фарстайыл  цæугæ  процессыл  цæуы  америкаг  неврологы, Шахин Эммануэл  Лаханийы æрфарст.

Абоны  тæрхоны процессыл  Шахин Эммануэл  Лахани    дистанционæй ссиу ис.  Ацы этапыл  америкаг   неврологæн фарстытæ дæтты  Михеил Саакашвилийы  адвокат Шалва Хачъапуридзе.

Шахин Эммануэл Лаханийы  фидиуæнæй,  Саакашвили  серьозонæй рынчын у.

«Саыкашвилийæн йæ  сæры магъзы, астæумагъзы æмæ  хæринагтайæн системæйы дисфункци ис.  Сегасдæр уæззау диагноз, кæцы йын ис, у  деменци, афтæма  иу  фæсур вæййы.  Саакашвилийæн зиангонд сты  периферион   нервон  системæ, кæцыйы тыххæй йын зын кæны   цæуын. Уыимæ, уæз  рагъыстæгыл  æмæ  бæрзæйыл, рагъыстæгы хъулты  дискыты æхсæн, кæнæ  та астæумагъзыл. Ис йын нысаниуæгджын  гъæды посттравмон  стрессон хæлд.   Фæбæрæг ис  полифармаци, кæнæ та бирæ  æнæмбæлгæ  медикаментты снысан.   Уый сеппæтæй  серьозон у  уыцы  медицинон уавæрты æхсæн, кæцыты  уый ис.  Саакашвили афтæдæр   рæстгæйæ-рæстæгмæ фяæсур вæййы, деменци,  йæ хæцъæфты нысаниуæгджын атрофи. Ахæм у  йæ   серьозон низты  ранымад, кæцытæ мæнмæ гæсгæ, уымæн йæ æфхæрды æмгъуыд арвитынæн серьозонæй хъыгдарæг  сты», – банысан кодта  невролог.

Афтæма йæ  дзырдæй,   Михеил Саакашвилийæ  ис   хроникон низтæ, кæцытæ  расайынц  мæлæты  тас.

«Ахæстонмæ бахауыны  онг неврологион  уавæры  æрдгæй  æнæниз уыд æмæ интеллектуалон функцитæ  йын уыд  сæрибар, йæ бон уыдис адæймæгтимæ  æххæстаргъджын коммуникаци.  Æрцахсты фæстæ  фæбæрæг ис  ацы  фадæтты  виппайды фæныллæг  æмæ æз дæр сæ  рабæрæг кодтон   сгæрсты рæстæджы.  Ис йын  хроникон   низтæ, кæцытæн сæ расайынц мæлæты  тас, сæрмагондæй  мæ фæнды   бахахх кæнын  зæрдæхъармы  цаутæ, кæцытæ гæнæн ис виппайды  мæлæтæй   фæуа, кæд  хоскæнынад раст нæ цæуы  уæд. Йæ сгæрсты  фæстæ уынын, цæмæй  ис уый тас, уымæн æмæ йын раст нæ хос кæнынц. Деменцийы тыххæй мæ бон у  зæгъын, цæмæй  йæ уавæр  тынг  тагъд  темпæй  карздæр кæны. Уый у  цырд карзгæнгæ деменцийы  цыд.  Деменци расайы адæймаджы æрвылбойнон   активондзинады хæлд, цахæмдæр у химæ зилын. Уый тыххæй,  цæмæй   йын  æмбæлгæйæ нæ хос кæнынц, нæ  уынын уый фадат, цæмæй ахæм уавæрты   уый сæнæниз уа.  Цалынмæ  æндæртæй   райстаин информаци,  нæ мын  загътой  зæрдæхъармы цауты  тыххæй,  æмæ   сгæрсты  рæстæджы фæсур ис.  Йæ буарыл йын  ссардтон   зиæнттæ.  Уый  загътон медицинон персоналæн, фæлæ йын не  схос кодтой. Мæнæн уымæй  бæлвырд у, цас адекватонæй  йын  хос кæнынц уый», –  загъта  Шахин Эммануэл Лахини  тæрхоны процессыл.