Михеил Саакашвили – 2 октябры изæрмæ систон билет, цæмæй  уон Тбилисы æмæ  уæ фæнд бахъахъъхæнон, сымхимæ иумæ  райсон хайад  Гуырдзыстоны фервæзты
Михеил Саакашвили – 2 октябры изæрмæ систон билет, цæмæй уон Тбилисы æмæ уæ фæнд бахъахъъхæнон, сымхимæ иумæ райсон хайад Гуырдзыстоны фервæзты

Балхæдтон  билет  2  октябры  изæрмæ, цæмæй сымахитмæ иумæ  уон Тбилисы æмæ   бахъахъхъæнон  уæ фæнд, уæ фæнды  равдыст  æмæ сымахимæ иумæ  райсон хайад  Гуырдзыстоны  ирвæзынкæныны, – уый фæдыл Гуырдзыстоны  экспрезидент  Михеил Саакашвили  райхъусын кодта йæ видео-сидты.

Саакашвилийы  фидиуæнæй,  зæгъгæ  æвзарæнон фадгуытæ  куы сыхгæнд уыдзысты,  уæд алчи  хъуамæ  бахъахъъæна   цы уæлахиздзинадмæ æрцыдыстæм уый.

Йæ ныхæстæм  гæсгæ, зæгъгæ  2 октябры  аскуыддзаг уыдзæн   фервæздзæн Гуырдзыстон æви нæ.

«Гуырдзыстоны амонд  скуыддзаг кæны, æмæ,  цæй зæгъын æй хъæуы,  балхæдтон билет, куыд  загътон  2  октябры изæрмæ, цæмæй сымахимæ иумæ    уон Тбилисы æмæ сымахимæ иумæ  бахъахъхъæнон  уæ фæнд,  уæ фæнды равдыст  æмæ сымахимæ иумæ   райсон хайад Гуырдзыстоны  ирвæзынкæныны. Уый æз нæдæр мæхицæн  аразын, ницы хисæрмагонд  амбици æмæ   бæрзонд  бынæттæ мæ хъæуы.  Æцæгæй дæр, нæ хъавын   уый тыххæй   тох кæнын, фæлæ  тох кæндзынæн уый тыххæй,  цæмæй мæ  хъæбултæн уа  фидæн.  Тох кæндзынæн уый тыххæй  æмæ  Гуырдзыстон баззайæт æнææрмæст  дунейы картæйыл, фæлæ  ма æрыздæха  цырд рæзынадмæ, æмæ ацы мæгуырдзинад, катастрофæ  иу  хатт æнусмæ  кæрон  скæнæм.  Ныфс мæ ис, цæмæй алчи нæ кæрæдзийæн  баххуыс уыдзыстæм, алчи иумæ слæудзыстæм  нæ кæрæдзийы  фарсмæ  æмæ  ферох кæндзыстæм хъауджыдæрдзинæдтæ. Кæронмæ хъуамæ  тох кæнæм, цалынмæ  нæ фæуæлахиз уыдзыстæм уæдмæ.  Тбилисы  фембæлдзыстæм», – райхуъсын кодта Саакашвили.