Михеил Джанелидзе - Евроцæдисмæ интеграцийы фæндагон картæ йæ хъуыдйы дары, ассоциацидзинады бадзырды домæнтæй фылдæры саразын
Михеил Джанелидзе -  Евроцæдисмæ интеграцийы  фæндагон  картæ йæ хъуыдйы дары, ассоциацидзинады бадзырды домæнтæй  фылдæры саразын

Гуырдзыстон   дарддæр кæны   йæ  амбицион  интеграцион процесс  Евроцæдисмæ –  уый фæдыл   фæсарæн хъуыддæгты  министр,  Михеил Джанелидзе, Гуырдзыстоны Евроцæдисмæ интеграцийы   камисы  57-æм рабадты  фæстæ  райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  растдæр  фæнысангонд  амбициимæ  у баст  Евроцæдисы   интеграцийы фæндагон картæ.

«Фæндагон  картæ растдæр   ацы   амбициимæ у баст уый, æмæ бахъом уæм схæстæг уын Евроцæдис æмæ  фылдæр  фадæттæ  сæвзæрын   кæнын  не  мбæстæгтæн.  Фæндагон   картæ, ассоциацидзинады бадзырд Гуырдзыстонæй  абон  цы домы,   уымæй  фылдæры  саразын,  дары йæ хъуыдйы.фæнды мæ  рахицæн кæнын  сæйраг ардæмадтæ: сæрыфыццаг  рард у  ассоциацидзинады  бадзырды  æххæстаргъджын имплементаци.  Уымæй  уæлдай ма нæ нысан у,    фылдæр интеграци Европаг  агентадтимæ. Уымæн фæтыхджындæр кæндзыстæм   нæхи æмбæлон уагдæтты æмæ  баввахс уыдзыстæм   Европаг  практикæмæ» –  райхъусын кодта  Джанелидзе.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  иуæй-иу  сæйраг нысан  у,  европаг  программæтæй  ноджы фылдæр эффективонæй  спайда кæнын. Афтæма, Джанелидзейы  ныхæстæм гæсгæ,   фæндагон  къартæйы  ноджы иу  ардæмад уыдзæн  æдадсзинады сферæты  æмкуысткæнынад.

«Сæрмгаонд къахдзæф саразын  план кæнæм, афтæдæр   секторон   æмгуыстады   æрдгæй,   цæмæй   нæхи сектортæ  максималонæй  æмбæлон  скæнæм  европæйаг политикæиммæ.  Иттæг нысаниуæгджын  у нæ  активон   бастдзинад  Евроцæдисы  иуæмйаг хызæгты,  цахæмдæр сты  транспортон, коммуникацион,  энергетикон  хызæгтæ» –   загъта Джанелидзе.

Афтæдæр йæ ныхæстæм  гæсгæ, Гуырдызстонæн  приоритетон у скæсæн партнерады  форматы  хайад райсын  æмæ 2020  азмæ  ист  20 мысаны  сæххæст.

Гуырдзыстоны Евроцæдисмæ  интеграцийы  камисы  57  рабадт  абон сырæзт,  кæцыйыл Евроцæдисы   интеграцийы   фæндагон   картæйы   концепци сбæлвырд ис.