Мцхета-Степанцъминда-Ларсы фæндагыл змæлд уæгъдибар у
Мцхета-Степанцъминда-Ларсы  фæндагыл  змæлд уæгъдибар у

Мцхета-Степанцъминда-Ларсы  фæндагыл  змæлд уæгъдибар у – уый фæдыл  информацийы хъусын кæны Гуырдзыстоны автомобилон фæндæгты  департамент.

«Æхсæнадæмн нысаниуæгы  Мцхета-Степанцъминда-Ларсы  автомобилон фæндагыл, интенсивон  къæвдайы  æмæ донивылдты тыххæй, æхсæвы  фæнысангонд фæндаджы  105-æм км-йыл æмæ  абон  км87-км88 фадыгыл,  автотранспорты  змæлд цалдæр сахат фæкъуылымпы ис.

Бынатыл знон æхсæвæй  мобилизацигонд æрцыд  æмбæлгæ  техникæ.  Автомобилон фæндæгты  департаменты æмæ  контрактор  организацийы  минæвæрттæ, фæндаджы ссыгъдæггæнæн куыстытæ  æнæаскуынгæ  режимæй  æххæст кодтой.

Уагъд  амæлтты фæстиуæгæн,   ацы рæстæгмæ Мцхета-Степанцъминда-Ларсы  фæндагыл, цыфæнды хуызы автотранспорты  змæлд уæгъд у»,  дзырдæуы  Гуырдзыстоны  автомобилон фæндæгты департаменты  информацийы.