Мамука Мдинарадзейы фидиуæнæй, зæгъгæ «Националон Змæлд»  æвзæрстыты  бон парламенты раз 12:00 сахатæй  æмбырд кæндзæн æмæ  змæстытæм цæттæ кæны
Мамука Мдинарадзейы фидиуæнæй, зæгъгæ «Националон Змæлд» æвзæрстыты бон парламенты раз 12:00 сахатæй æмбырд кæндзæн æмæ змæстытæм цæттæ кæны

Цы информаци нæм æрбафтыдис  уымæ гæсгæ, Тбилисы мэримæ  бацыд фыстæг, кæцымæ гæсгæ,  «Националон Змæлд»   æвзæрстыты бон, парламенты  раз  12:00  сахатæй  æмбырд кæны.  Бæрæг куыд у афтæмæй, æххæст ресурсты мобилизаци æвзæрстытæм нæ фæлæ, ацы æрдæм  пълан кæнынц  æмæ  рагафонæй хъусын кæнынц  бирæминон акци ауадзыны тыххæй – уый фæдыл  Гуырдзыстоны парламенты сæрдары хæдивæг  Мамука Мдинарадзе  абоны  брифингыл  фехъусын кодта.

Мамука Мдинарадзе  куыд дзуры афтæмæй,   акцийы   тыххæй рагафонæй  фезхусын кæнын уый нысан кæны,  цæмæй  «Националон Змæлд» йæ сæрæн ницыуал  зоны,  бæлвырдæй  æмбарынц, цæмæй  демокративон  æвзæрстыты  исты хуызы æнтысты  шанс сын нæй.

Афтæма йæ  ныхæстæм гæсгæ, «Нациаоналон Змæлд»  æвзæрстыты  бæсты  акциты æмæ  змæстытæм цæттæ кæны. Уый  гуырдзиаг  æхсæнадæн ног хабар нæу.