Мамука Хазарадзе -  Мæхи æмæ Бадри  Джапаридзейы  алы  банкъон хыгъдтæ  хъодыæвæрд æрцыдысты
Мамука Хазарадзе - Мæхи æмæ Бадри Джапаридзейы алы банкъон хыгъдтæ хъодыæвæрд æрцыдысты

Мамука Хазарадзейы  фидиуæнæй,   уымæн йæхи æмæ Бадри Джапаридзейы   банкъон хыгъдтыл хъоды сæвæрдтой. Уый фæдыл бизнесмен  фыссы  социалон хызагы.

«Абон прокуратурæйы æркуырдæй  æмæ тæрхондоны  уынаффæйæ  æрцыд, мæхи æмæ  Бадри Джапаридзейы  алы  банкъон хыгъдыл хъодыæвæрд.  Ацы мийæн йæ  мысан у  æрмæстдæр   уый, цæмæй  мах  цы  æхсæнадон  змæлды  тыххæй райхъусын  кодтам æмæ  алы  цæугæ  сфинанскæнинаг  хæрзаудæн  æмæ  бизнес  проект, уый  ынмæцы  Анаклиа дæр, фæстагмæ урæд  æрцæуа.  Уымæй  мнæ  нæ фæтæрсын кæндзыстут!!  Тох  дарддæр  кæнæм!!» -фыссы  Хазарадзе  «Фейсбукы».

Тбилисы  сахарон тæрхондон 26  июлы «ТВС Банкъы»  бындурæвæрджыты,  Мамука Хазарадзе æмæ  Бадри Джапаридзейæн  æфхæрды  мадзалы  хуызæй,   стæрхон кодта  цъынды бафидын, сæ алкæмæн  фæйнæ  700 000  ларийы бæрцæй.   Уымæй  уæлдай ма,  сын фæтобæ ис  арæны  ныууадзын  фæдæвзарæг  уагдоны  рагфæдзæхст-барлæвæрд цухæй.  Мамука Хазарадзейæн æмæ Бадри ДЖапаридзейæн  аххосаг бавдыстæуыд  24  июлы  къордонæй  16 664 000  америкаг  доллары  æнæзакъонон  æфтиагы  легализацийы  фактыл,  кæцыимæ иумæ  сфиксир ис  сæрмагондæй  стыр бæрцæй   æфтиаг  райсын –  фыдракæнд  нымадмæ ист у  Гуырдзыстоны  тугтæрхоны барады  кодексы  194 статийы  2-аг  хайы  «а»  æмæ  3-аг хайы  «г»  дæлпункттæй.