Мамука Хазарадзе – райсом «Лелойы» парламентон фракци  парламентмæ æркæсынмæ бахæсдзæн  «Гуырдзыстоны бахъахъхъæныны фæдыл акт», афон у æрцæуа национ хицауад
Мамука Хазарадзе – райсом «Лелойы» парламентон фракци парламентмæ æркæсынмæ бахæсдзæн «Гуырдзыстоны бахъахъхъæныны фæдыл акт», афон у æрцæуа национ хицауад

Абон Гуырдзыстоны ис  кризис, сафæм нæ бæстæ, уымæн æмæ  нæ  бæстæйы æмбæстæгтæн  бæрзонд æргъты тыххæй сæ бинонты хæссын нал фæразынц, нæ уарынц куыстбынæттæ  æмæ уыдæтты   тыххæй ацæуынц бæстæйæ, фæлæ  сегасдæр сæйраг  мах  сафæм  нæ бæстæ, уымæн  æмæ Гуырдзыстоны хицауад  комфорт аразы  оккупант бæстæйы æмбæстæгтæн  æмæ  лæггад кæны Уæрæсейæн, йæ адæмæн  æмæ Гуырдзыстонæн лæггад кæныны  бæсты», – загъта  «Лелойы» лидер мамука Хазарадзе.

Хазарадзе абон уагъд  брифингыл куыд банысан кодта афтæмæй,  «Картули Оцнебайы» хицауад приоритет иудадзыг  дæтты  уырыссæгтæн.

Мамука Хазарадзейы  дзырдæй,  зæгъгæ «сом «лелойы» парламентон фракци  парламенты  æркæсынмæ бахæсдзæн  «Гуырдзыстоны бахъахъхъæныны фæдыл акт» фарастпунктджын план, кæцы сифтонг кæндзæн бæстæйы æмæ æмбæстæгты интересты хъахъхъæд æмæ арæн скæндзæн уырыссаг бабырст Гуырдзыстонмæ».

«Гуырдзыстоны бахъахъхъæныны фæдыл акты» ис  9  къахдзæф:

  1. Визон регуляцитæ сфидар кæнын Уæрæсейы æмбæстæгтæн – Гуырдзыстон иунæг оккупацигонд бæстæ у дунейы, кæцыйы оккупанттæ практиконæй ахæм бартæй  пайда кæнынц куыд  нæхи æмбæстæгтæ. Мах фæнды,  цæмæй Гуырдзыстон гом уа оккупанттæн нæ фæлæ, туристтæн.
  2. Куыстлæвæрды базары бахъахъхъæнын. Абон Гуырдзыстоны æгуыстдзинад сæйраг  проблемæ у.  Уый иунæг сæйраг аххос растдæр уырыссæгты бабырст у, укæцытæ  гуырдзиæгты  нæхи бæстæйы  æфтиагджын  куыстыты фæивдтой.  «Гуырдзыстоны бахъахъъæныны фæдыл акты» дыккаг пункт  арæн кæны  Уæрæсейы æмбæстæгтæн  кусын бар раттын.
  3. Зæххы ауæй кæныныл арæнæвæрд. Бæстæйы  суверенитеты сегасдæр хуыздæр æвдисы  зæхх. Зæхх, оккупанты нæ фæлæ, нæ адæмы сæрмæмулк у.  Æнæруадзгæ у, оккупантæн уа бар  æрцæуын æмæ уæгъдибарæй балхæнын  нæ  æххытæ.
  4. Уырыссаг номыртæ цы  хæдтулгæтæн  ис уыдоны æрбахызтыл тобæ сæвæрын. «Гуырдзыстон бахъахъхъæныны фæдыл  акт» тобæ кæны  нæ бæстæйы территоримæ уырыссаг номырджын хæдтулгæты æрбахызт. Ахæм закъон  ныридæгæн архайы Евроцæдисы бирæ бæстæйы.
  5. Уырыссаг компанитæн паддзахадон тендерты  хайад райсын фæтобæ кæнын.  Гуырдзиаг фидтонты фидæг адæмы  æхца ма хъуамæ бахауа уырыссæгты дзиппмæ.
  6. Уырыссаг бизнесæн оккупацион фидинаг сфидар кæнын. Фæнды нæ алы муниципалитеты  сфидар кæнæм  «Оккупацион хъалон»  уый уыдзæн хъалон, кæцы бафидын бахъæудзæн  Уæрæсейы æмбæстгæты сæрмæмулкъы уæвæг   уырыссаг бизнесæн,  хъалонæй æрбафтгæ суммæ та  окупацигонд территоритæй тыхбын бынативгæ  гоймæгты хъæуындзинæдтыл бахардз уыдзæн.
  7. Тахтытыл тобæ. Домæм Уæрæсейы едерациимæ  комкоммæ тахтытыл тобæ сæвæрын уымæн æмæ ацы тахтытæ  лæггад кæнынц   Уæрæсейы æмбæстæгты комфортæн æмæ сын ницы иумæйаг ис  Гуырдзыстоны æмбæстæгты дзæбæхдзинадимæ.
  8. Уырыссаг телеуынынадон каналты уацхæссынадыл тобæ сæвæрын. Фæтобæ уæд  уырыссаг пропагандистон  телеуынынадон каналты æнæконтролæй  уацхæссынад Гуырдзыстоны.
  9. Уырыссаг фондтыл тобæ сæвæрын. Фæивар уæд  уырыссаг  фондты  куыст Гуырдзыстоны, еæцы Кремлы  оккупацион политикæйæн лæггад кæнынц.  «Гуырдзыстоны бахъахъхъæныны фæдыл акт» раст уый æвдисæг у, цæмæй  куыд лæггад кæны «Лело»  Гуырдзыстонæн æмæ куыд хъуамæ фæуа  худинаггаг æмæ тæссаг  про-уырыссаг   хицауаж! Æгъгъæд у  путины дзиппы  хицауад! Афон у æрцæуа национ хицауад»  -райхъусын кодта Хазарадзе.