Мамука Бахтадзе - Сентябрæй  гуырдзиаг скъолатæм æрыздæхдзæн  Якоб Гогебашвилийы  «Деда Эна»,  алы фыцццаг къалссаг  æй райсдзæн æнæфидгæйæ
Мамука Бахтадзе - Сентябрæй гуырдзиаг скъолатæм æрыздæхдзæн Якоб Гогебашвилийы «Деда Эна», алы фыцццаг къалссаг æй райсдзæн æнæфидгæйæ

Сентябрæй  гуырдзиаг скъолатæм æрыздæхдзæн  Якоб Гогебашвилийы  «Деда Эна»,  алы фыцццаг къалссаг  æй райсдзæн æнæфидгæйæ –   уый тыххæй Гурдзыстоны премьер-мниистр  Мамука Бахтадзе    райхъусын кодта   Якоб Гогебашвилийы музейы  Варианийы,   цы ран   ацыд   мадзал  «Деда Энайы» адаптацигонд варианты скъолатæм æрыздахынмæ гæсгæ.

Йæ  ныхæстæм гæсгæ,  ацы  ахуыргæнæн чиныг алы фыццаг-кълассаг райсдзæн æнæфидгæйæ.

«Ам райгуырдис  стыр  гуырдзиаг,  кæцы  сфæлдыста  махæн алкæмæн уарзон  чиныг, «Деда Эна». Адæймаг, кæцы   егъау  хайбавæрд скодта  историкъон миссиимæ, кæцы  хуыйны  гуырдзиаг æвзаджы  апарахад  кæнын.  Абон стæм Якоб Гогебашвилийы  музейы, æмæ мæ  фæнды ардгæй раарфæ  кæнын æппæт Гуырдзыстонæн.  Ай  уыдис  эпохæ,  кæцы рæстæджы дæр иттæг нысаниуæгджын  уыд, цæмæй æцæг патриоттæ  иумæ лæууыдаиккой.   Уый  уд  егъау  быцæусидт  уæды  Гуырдзыстонæн,   гуырдзиаг æвзаг куы  слæууыд   фæтаруыны  тасы раз.  Гуырдзиаг патриоттæн бантыстис цæй  гæнæн нæ уыд  уый  саразын,  бахъом сты  чиныг  саразын, кæцы лæвæрд цæуы    фæлтæрæй-фæлтæрмæ,  кæцы нын  нæхимæ æруыгъдта  сеппæтæй  сыгъдæг,  гуырдзиаг æвзаг æмæ гуырдзиаг   абетæ. Якоб Гогебашвили  йæ  чиныг  куы  фыста,  уæд йæм раст ацы фæнд  уыдис,  цæмæй  чиныг  фæлтæрæй фæлтæрмæ лæвæрд  цыдаит, цæмæй  бахъахъхъæдтаиккам  сеппæтæй  сыгъдæг дæр,  не  взаг æмæ  нæ  абетæ», –   райхъусын кодта премьер-министр.